Хуссар Иры горӕтгӕрон сараздзысты экопарк

Столицӕйы цӕгаттаг фарс, раздӕры Чъехы хъӕуы зӕххытыл сагъд цӕудзысты Ирыстоны ӕрдз хъӕздыг цӕмӕй у, уыцы зайӕгойтӕ
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 окт - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг фарс хӕххон территорийыл сараздзысты экопарк. 70 гектар зӕххытыл сагъд цӕудзысты ног зайӕгойтӕ, фехъусын кодта Sputnik экологон организаци "Зеленая Алания"-йы сӕргълӕууӕг Габайты Зӕлинӕ.
Экологион организацийы хъӕппӕрисӕй Хуссар Иры садзынц сыбыраг кедртӕ
Хуссар Ирыстоны равзаргӕ зайӕгойтӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн хицӕн фӕзуат рахицӕн кӕныны хъуыддаг ныридӕгӕн ис фидар кӕныны этапыл.
"Раздӕры Чъехы хъӕуы хӕххон территори нын хицӕн кӕнынц ботаникон дыргъдонӕн, бӕстондӕрӕй та уыдзӕн экопарк. Фыццаг рады нӕ фӕнды ум нысадздзын фугӕ, чхъори ӕмӕ ӕндӕр зайӕгойтӕ. Цӕуы дзы чысыл цӕугӕ дон", - загъа Габайты Зӕлинӕ.
Уый ма бафтыдта, экопаркы ныссадздзысты сыбыраг кедртӕ, кӕцытӕ ӕрӕджы райстой лӕварӕй Уӕрӕсейӕ.