ЦХИНВАЛ, 26 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий 1-ӕй 7-ӕм ноябрьмӕ расидт ӕнӕкусгӕ къуыри. Уынаффӕ хаст ӕрцыд дыццӕджы республикӕйы цӕрджыты санитарон-эпидемиологон уавӕр ӕрнывыл кӕныны ӕмӕ коронавирусы дарддӕры апарахат ма руыдзыны нысанӕн. Ӕмбӕлон барамынд мыхуыр ӕрцыд бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы сайтыл.
"Расидын 2021 азы 1-ӕй 7-ӕм ноябрьмӕ ӕнӕкусгӕ бонтӕ кусджытӕн сӕ мызд бахъахъхъӕнгӕйӕ. Паддзахадон куыстуӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр уагдӕтты разамонджытӕ бакусӕт кусджыты радгӕсадыл, цӕмӕй уыцы бонты организациты архайд бынтондӕр ма ӕрлӕууа", - дзырдӕуы барамынды.
Раздӕр ӕнӕкусгӕ бонтӕ бакодтой Мӕскуы, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы къорд ӕндӕр регионы.