Хуссар Иры санитарон уагдоны загътой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Ӕдӕппӕт пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 Хуссар Ирыстоны бахӕцыд 8454 адӕймагыл, уыдонӕй сӕнӕниз сты 6200
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 окт – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны фӕстаг суткӕ рабӕрӕг кодтой коронавирусӕй 67 ног фӕрынчынуӕвӕджы, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы сарӕзгӕ 189 иртӕстӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 67 адӕймагӕн. Фӕстаг суткӕ медицинон хыгъдӕй систой 50 сӕнӕнизуӕвӕджы, дохтырты хъусдарды бын ма ис 2254 пациенты", - банысан кодта уагдоны хистӕр.
Цхинвалы бакодтой дыккаг "сырх зонӕ" коронавирусӕй рынчын адӕмӕн
Пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты нымӕц у 6200. Югосетпотребнадзоры ӕдӕппӕт сарӕзтой 45 454 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 8454 адӕймаджы.