Цӕгат Ирыстоны COVID-19-ӕй иу суткӕмӕ амардысты 11 пациенты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 окт - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ноджы 11 адӕймаджы амардысты коронавирусӕй. Ногӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц та иу суткӕмӕ схызт 98 онг.
Ӕдӕппӕт республикӕйы стационарты хос кӕнынц 1122 пациенты. Пандемийы райдианӕй та ӕдӕппӕт тӕссаг низӕй фӕрынчын сты 25 229 адӕймаджы.
Цхинвалы бакодтой дыккаг "сырх зонӕ" коронавирусӕй рынчын адӕмӕн
Уӕрӕсейы дӕр иу суткӕмӕ сфидар кодтой рекордон 1 123 мӕлӕты коронавирусӕй. Низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ бӕстӕйы фӕзиан сты 233 898 адӕймаджы.