Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 73 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ

Бон раздӕр республикӕйы сбӕрӕг кодтой 76 фӕрынчынуӕвӕджы COVID-19-ӕй, медикты хъусдарды бын ӕдӕппӕт сты 2241 адӕймаджы
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 окт - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 73 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта цыппӕрӕмы Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Ӕртыццӕджы нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 349 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 73. Ивгъуыд суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой 86 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын сты 2241 пациенты", - загъта Коцты Марина.
Пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты нымӕц у 6286. Югосетпотребнадзоры ӕдӕппӕт сарӕзтой 45 803 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 8527 адӕймаджы.