Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой ТЭК-ы дукани адавыны тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ ӕрурӕдтой Цхинвалы 26-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайы дукани адавынмӕ.
Республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй адавды фӕдыл куырдиатимӕ Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайадмӕ бадзырдта столицӕйы 66-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕбӕрӕг гоймӕгтӕ адавтой цардуагон хими ӕмӕ бӕгӕныйы цалдӕр упаковкӕ 35 мин сомы аргъ.
"Оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы Цхинвалы мидхъуыддӕгты дӕлхайады кусджытӕ криминалон милицийы уголовон фӕдагуырды дӕлхайады кусджытимӕ иумӕ ӕрцахстой ацы фыдркандмӕ зӕрдӕхсайгӕйы. Уый разынд Цхинвалы 26-аздзыд цӕрӕг", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕрдӕхсайгӕ кӕй басаст йӕ фыдракӕндыл.
Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой ТЭК-ы дукани адавыны тыххӕй