Цӕгат Иры сывӕллӕттимӕ бинонтӕн ӕххуысӕн рахицӕн кодтой 631 милуан сомы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстон райсдзӕн 631 милуан сомы 3-7 азы кары сывӕллӕттимӕ бинонтӕн ӕххуысӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы фӕллойад ӕмӕ социалон райрӕзты министр Айдарты Алина.
Бадзырд бафыстӕуыд Цӕгат Ирыстоны хицауад ӕмӕ Уӕрӕсейы Фӕллойад ӕмӕ социалон хъахъхъӕнынады министрады хсӕн. Ӕхцатӕ ӕрбацӕудзысты ӕмбӕстӕгты сӕрмагонд хыгъдтӕм иу боны дӕргъы.
Уӕрӕсейы хицауад рахицӕн кодта сывӕллӕттимӕ бинонтӕн ӕххуысӕн 28,3 млрд сомы
"Цӕгат Ирыстоны хицауад ӕмӕ Уӕрӕсейы Фӕллойад ӕмӕ социалон хъахъхъӕнынады министрад бафыстой бадзырд, цӕмӕй федералон бюджетӕй рахицӕн кӕной фӕрӕзтӕ 3-7 азы кары сывӕллӕттимӕ бинонтӕн фиддонтӕн 26 октябры. Фӕрӕзтӕ фӕхӕццӕ сты республикӕйы фӕллойад ӕмӕ социалон райрӕзты министрадмӕ 28 октябры. Ӕхцатӕ ӕрбацӕудзысты ӕмбӕстӕгты сӕрмагонд хыгъдтӕм иу боны дӕргъы", - банысан кодта министр.
Уый размӕ Уӕрӕсейы хицауад рахицӕн кодта бинонтӕн, кӕцыты хъомыл кӕнынц ӕртӕ азы карӕй хистӕрдӕр сывӕллӕттӕ, 28 миллиард сомӕй фылдӕр.