Хуссар Иры фӕзындзӕн фыццаг дзоныгътыл бырӕн трассӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 ноя – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны Дзауы районы Урс-Туалты коммӕ бахизӕны сараздзысты зымӕгон дзоныгътыл бырӕн трассӕйӕ. Уый суыдзӕн фыццаг республикӕйы.
Улӕфӕн зонӕ саразыны куыст срӕвдз кодта амалиуӕггӕнӕг Босыкты Владимир.

"Цӕттӕ кӕнӕм трассӕ. Куыстытӕ цӕуынц нӕхи хӕрдзтӕй, фӕлӕ нын ӕмархайд кӕнынц Дзауы районы администраци ӕмӕ республикӕйы разамынад. Трассӕйы дӕргъ уыдзӕн 350 метры", - загъта Босыкты Владимир.

Зымӕгон курорты ӕрмӕст дзоныгътыл бырыны фадат нӕ уыдзӕн.
Графикӕй раздӕр: Хуссар Иры премьер федта, куыд аразынц сывӕллӕтты лагерь Мзиугомы
"Трассӕйӕ дарддӕр ам кусдзӕн кафе, стӕй ма дзы уыдзӕн тюбингты прокат, улӕфджыты подъемник хӕццӕ кӕндзӕн стартон фӕзуатмӕ", - бафиппайдта уый.
Улӕфӕн зонӕ ис Ручъы хъӕуӕй мидӕгдӕр, улӕфӕндон Згъубирмӕ хӕстӕг. Ӕрӕджы ацы коммӕ кусӕгон балцы фӕуазӕг ис хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий. Уый бӕрӕг кодта арӕзтадон объекттӕ ӕмӕ ацы регионмӕ инфраструктурӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕны ацы хахх суыдзӕн фыццаг туристон маршрут.