Хуссар Иры столицӕйы уынгтыл уӕрмытӕ сраст кодтой

Раздӕры проблемӕты тыххӕй шофыртӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кӕны мӕрдӕр асфальты хуыз
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы асфальт уынгты уӕрмытӕ кӕдӕй-уӕдӕй бантыст сраст кӕнын. Шофыртӕн ныр сӕ бон у ӕдӕрсгӕйӕ цӕуын.
Хуссар Иры столицӕйы уӕрмытӕ сраст кодтой
Цхинвалы уыгтыл дзыхъхъытӕ лӕууыдысты мӕйгӕйтты, ацы проблемӕйыл Sputnik фыста цалдӕр хатт. Сӕ нымӕцы централон уынгтыл дӕр. Раздӕры уӕрмытӕ ма рахатӕн ис ӕрмӕстдӕр ног асфальты мӕрдӕр хуызӕй.
"Горӕты дзы алкӕцы уынгыл дӕр уыд. Цалдӕр бынат ма нын ис, аннӕтӕ цалцӕг ӕрцыдысты. Аразинаг ма сты дыккӕгӕм скъолайы ныхмӕ сабидоны бацӕуӕн ӕмӕ Постон службӕйы бахизӕн", - радзырдта Sputnik горӕты администрацийы арӕзтадон цалцӕггӕнӕн хайады хистӕр Гӕззаты Инал.
Уый ма бамбарын кодта, столицӕйы уынгтыл ацы уӕрмытӕй кӕцӕй фӕзынынц, уый.
"Ӕнӕсанкци адӕм скъахынц фӕндӕгтӕ ӕмӕ афтӕ уӕрмӕй ныууадзынц, мах йӕ афоныл зонгӕ дӕр нӕ бакӕнӕм", - бафтыдта уый.