Цæгат Иры мыхуыры рауадздзысты "Ирыстоны драматургийы антологи"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны мыхуыры рацæузæн "Ирыстоны драматургийы антологи". Чиныг рауаддзысты президенты гранты фæрцы, хъусын кӕны ПТРК "Алания".
Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй гранты бæрц у 625 мин сомы. Проект æххæст кæнгæйæ, нывӕндынц алы дугты ирыстойнаг драматургты уацмыстæ иу альманахы æрæмбырд кæнын. Райдай ацы жанры бындурæвæрджытæй — Брытъиаты Елбыздыхъойæ æмæ Кочысаты Розæйæ, стæй нырыккон автортæй фæугӕйӕ.
"Проектмæ гæсгæ, уацмыстæ бакæсæн уыдзæн гæххæттын хуызы, стæй ма нымæцон хуызы дӕр. Уымæй дарддæр ма фадат уыдзæн QR-кодтæй пайда кæнгæйæ интернет-ресурстæм бацæуынæн дæр. Ацы проекты сæйраг нысан у национ классикон драматургийы рæзтыл кусын æмæ йын æххуыс кæнын", - нысан цӕуы хъусинаджы.
Проекты авторы ныхæстæм гæсгæ, Ирыстоны нырыккон театртæн хъæуы сæ репертуар парахатдæр кæнын ирон авторты ирон æвзагыл фыст пьесæты фæрцы. Ирыстоны драматургийы антологи та тынг баххуыс кæндзæн ацы фарст алыг кæнынæн.
Цӕгат Ирыстоны ныртæккæ ис 7 театры. Антологи та йæ сæйраг хæстæ æххæст кæнгæйæ, зынгæ фæхъæздыгдæр кæндзæн се ‘вæрæнтæ.
Ирд спектакльтӕ ӕмӕ хъайтартӕ: Цӕгат Иры бӕхты театр "Нартӕ" цӕттӕ кӕны ног сезонмӕ