Дзауы районы самадтой бирӕуӕладзыгон хӕдзар. Къамис кусы байуарыныл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы балхынцъ ис дыууӕ бирӕуӕладзыгон хӕдзары арӕзтад. 36 фатеры фидӕны хицӕутты хъысмӕт скъуыддзаг кӕндзӕн сӕрмагонд къамис.
Къамисы сконды ис Паддзахадон ӕдасдзинады комитет, прокуратурӕ, районы администраци ӕмӕ хъӕууон администрациты минӕвӕрттӕ.
"Хӕдзӕрттӕ сты цӕттӕ. Ныридӕгӕн кусы цӕрӕнуатон къамис. Уыдон декабры кӕронмӕ аскъуыддзаг кӕндзысты кӕмӕ ӕмбӕлынц хӕдзӕрттӕ, уый", - загъта районы администрацийы хистӕр Джиоты Андрей.
Уымӕй размӕ районы администрацийы пресс-службӕйы фехъусын кодтой, фатертӕм радты кӕй лӕууы сӕдӕгай адӕймӕгтӕ.