ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад (ӔХМ) арвыста республикӕйы цӕрджыты къорд санаторон-курортон хоскӕнынадмӕ Пятигорскмӕ, хъусын кӕны къуырисӕры уагдоны пресс-службӕ.
"Президенты фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ уӕззау рынчын уыдысты коронавирусӕй, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад арвыста санаторон-курортон хоскӕнынадмӕ Пятигорскы клиникӕмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, улӕфджытӕ кӕй арвитдзысты санаторийы 14 боны.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрад ӕрвылаз ӕрвиты ӕмбӕстӕгты реабилитацимӕ Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы хосгӕнӕндӕттӕм.