ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Сауденджызон Экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Уырыссаг националон комитеты сӕрдар Виктор Архипов банхъардта бафыссын ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Хуссар Ирыстоны структурӕтимӕ.
Бадзырды фӕлгӕтты ис Фӕндагон картӕйы реализаци глэмпинг-парктӕ ӕмӕ кадрон фӕстауӕрцы арӕзтады проблемӕты фӕдыл, хъусын кӕны республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.
Виктор Архипов йӕ фыстӕджы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитримӕ загъта бузныг "Южная Осетия на перекрестке цивилизаций. Проблемы безопасности и устойчивого развития" конференцимӕ цӕттӕкӕнынад ӕмӕ ауадзыны тыххӕй.
Глэмпинг у улӕфт ӕрдзы алыгъуызон лӕггӕдтӕ ӕмӕ уавӕртимӕ. Уыимӕ иумӕ, глэмпинг хъуамӕ уа мобилон ӕмӕ зиан ма хӕсса ӕрдзӕн.