Хуссар Иры цӕрӕгмӕ ссардтой хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Дампалеты хъӕуы цӕрӕгмӕ басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Хуссар Иры цӕрӕгмӕ ссардтой хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ
Хъӕуы 51-аздзыд цӕрӕгмӕ ссардӕуыд: Калашниковы дыууӕ автоматы, дыууӕ цуанон хӕцӕнгарзы, 800 иуӕгӕй фылдӕр нӕмгуытӕ, Калашниковы автоматы алыгъуызон калибртӕн 10 агъуды ӕмӕ ӕндӕр хӕстӕрмӕджытӕ. Афтӕ ма нӕлгоймагмӕ ссардтой хус кӕрдӕджы хуыз буарад, кӕцыйӕн ис наркотикон буарад "гӕны" миниуджытӕ.
Ныртӕккӕ нӕлгоймаджы ӕрурӕдтой ӕмӕ йӕ бакодтой рӕстӕгмӕдарӕн изолятормӕ. Цауы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг.
Хуссар Иры цӕрӕгмӕ ссардтой хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ