ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри фӕндагон-транспортон цауты (ФТЦ) бахъыгдард сты дыууӕ адӕймаджы, сӕ нымӕцы 9-аздзыд сывӕллон, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Ӕнахъомы хайадистӕй ФТЦ ӕрцыд сабаты сихорӕй.
"Цхинвалы 23-аздзыд цӕрӕг чызг Хъайтарты уынгыл скъӕргӕйӕ "Nissan Fuga" хӕдтулгӕйыл ныццавта 9-аздзыд чызджы, кӕцы фӕндаг фистӕг ахизӕны уылты нӕ ахызт. Сывӕллоны буары цӕфтимӕ бакодтой Республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
МХМ банысан кодтой, республикӕйы фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри кӕй ӕрцыд цыппар ФТЦ. Афтӕ ма 8-15 ноябры Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 285 фӕткхалды. Дыууӕ шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.
Уымӕй дарддӕр иу къуыримӕ республикӕйы территорийыл регистрацигонд ӕрцыд ӕртӕ фыдракӕнды, кӕцытӕ раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй милицийы кусджытӕ бӕрнмӕ ӕрбаздахтой аст ӕмбӕстаджы, сӕ нымӕцы дыууӕ ӕнахъомы.