Мӕскуыйы ацыд Хуссар Иры фӕндаг амонӕджы презентаци

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 ноя – Sputnik. Президент Бибылты Анатолий хайад райста Хуссар Ирыстоны фӕндаг амонӕджы презентацийы Мӕскуыйы. Мадзалы ма хайад райстой Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло ӕмӕ Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр.
Мӕскуыйы ацыд Хуссар Иры фӕндаг амонӕджы презентаци
Бибылты Анатолий банысан кодта фӕндаг амонӕджы нысаниуӕг Хуссар Ирыстоны туризмы райрӕзтӕн. Президент бахахх кодта, республикӕйы туризмӕн кӕй ис райрӕзты перспективӕтӕ ӕмӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад нымайы ацы здӕхт иууыл приоритетонтӕй иуыл.
Хуссар Ирыстоны базарадон минӕвар Уӕрӕсейы Гогинов Таймураз банысан кодта, фӕндаг амонӕджы руаджы республикӕйы уазджытӕ базонгӕ уыдзысты Паддзахад Аланийы истори, культурӕ, географи ӕмӕ къӕбицимӕ.
"Ӕз сӕрыстыр дӕн мӕ Фыдыбӕстӕйӕ. Ӕмӕ абон мӕнӕн фадат ис спрезентаци кӕнын Хуссар Ирыстоны историйы фыццаг фӕндаг амонӕг уырыссаг ӕвзагыл. Автортӕ алцыдӕр сарӕзтой, цӕмӕй адӕм нӕ бӕстӕимӕ базонгӕ уой комфортон уавӕрты", - бахахх кодта Гогинов Таймураз.
Фӕндаг амонӕджы ис Хуссар Ирыстоны столицӕ ӕмӕ районты картӕтӕ ӕмӕ маршруттӕ, афтӕ ма ӕндӕр пайдаджын информаци туристтӕн.
Фӕндаг амонӕг ныммыхуыр кодтой Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министрад ӕмӕ республикӕйы базарадон минӕварады ӕххуысӕй.