Иу суткӕмӕ Югосетпотребнадзор сбӕрӕг кодта 33 ног рынчыны COVID-19-ӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны сбӕрӕг кодтой 33 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 249 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 33. Ивгъуыд суткӕ ма медицинон хыгъдӕй систой 100 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын сты 1986 пациенты", - загътой уагдоны.
Пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 7594.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 50 659 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 9580 адӕймаджы.
Коронавирус ӕмӕ браконьертимӕ тох: Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг радта фӕдзӕхстӕ йӕ кусджытӕн