Дзиццойты Юрий: Хуссар Ир зын уавӕры куы уыд, уӕд нын Хъодзаты Ӕхсар уыд стыр ӕххуыс

Паддзахадон университеты ирон ӕвзаг ӕмӕ иумӕйаг ӕвзагзонынады кафедрӕйы гӕс, профессор Дзиццойты Юрий радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Хъодзаты Ӕхсары стыр хайбавӕрды тыххӕй ирон литературӕмӕ
Sputnik
Хъодзаты Ӕхсар ирон ӕвзаджы сӕрыл тох кодта цӕрӕнбонты, банысан кодта Дзиццойты Юрий.
Цӕгат Ирыстоны интеллигенцийы минӕвӕрттӕй сӕ ирддӕр Хъодзаты Ӕхсар ахицӕн йӕ цардӕй ивгъуыд къуыри.
"Мӕнмӕ гӕсгӕ, ирон ӕвзагмӕ уарзондзинад уыд йӕ удыхъӕды сӕйрагдӕр рахӕцӕн. Йе ‘сфӕлдыстады кой куы кӕнӕм, уӕд тынг хорз поэт уыдис, Ирыстоны хуыздӕр поэттӕн сӕ фарсмӕ Хъодзаты Ӕхсары ном дӕр ис. Фӕлӕ мӕнмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ йӕ публицистикӕ къаддӕр нӕ уыд. Йӕ публицистикӕ йын сӕвӕрин ӕрмӕстдӕр Къостайы публицистикӕйы фарсмӕ", - банысан кодта Юрий Альберты фырт.
Дзиццойты Юрий ма куыд бафиппайдта, уымӕ гӕсгӕ Хъодзаты Ӕхсар йӕ риуӕмбӕрц лӕууыд тыхтонакӕнджыты ныхмӕ.
"Хуссар Ирыстоны уавӕрыл тынг бирӕ фӕфыста, иу ӕмдзӕвгӕ ныффыста, ӕмӕ уый диссаг уыд. Хицӕуттӕм дзырдта, фыста, ӕмӕ куы ничи ӕрдардта йӕ хъус, уӕд ма йын уыцы иунӕг инстанци баззад, кӕмӕ бадзырдтаит, цӕмӕй Хуссар Иры адӕмӕн баххуыс кодтаиккой - уый уыд Хуыцау, ӕмӕ уымӕ дӕр тӕл ныццавта", - загъта профессор.
Дзиццойты Юрий банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон зын уавӕры куы уыд, уӕд Хъодзаты Ӕхсар уыд стыр моралон ӕххуыс интеллигенцийы минӕвӕрттӕн.