ЦХИНВАЛ, 18 ноя — Sputnik. Экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тохы управленийы кусджытӕ столицӕйы хӕлцадон дуканитӕй иуы ссардтой ӕмӕ байстой тобӕгонд нозт, хъусын кӕны цыппӕрӕмы МХМ пресс-службӕ.
Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй тобӕгонд энергетиктӕ "Flash Energy"-ы 23 авджы ссардӕуыд рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы.
"Дуканийы хицау, Цхинвалы районы Къостайы хъӕуы цӕрӕг сылгоймаг фехӕлдта закон, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхмӕ бакондӕуыд административон хъуыддаг, кӕцымӕ ӕркӕсдзӕн Цхинвалы тӕрхондон", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
Хуссар Ирыстоны энергетикон нозтыл тобӕ сӕвӕрдтой 2012 азы. Фӕткхалджыты ныхмӕ закондӕттынад амоны ивар буарӕдты конфискациимӕ.