Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны сбӕрӕг кодтой 34 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 208 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 34. Ивгъуыд суткӕ ма медицинон хыгъдӕй систой 150 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын сты 1870 пациенты", - загътой уагдоны.
Пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 7744.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 50 876 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 9614 адӕймаджы.