ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik. Экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тохы управленийы кусджытӕ милицийы фадыгонтимӕ иумӕ ссардтой столицӕйы цалдӕр дуканийы тобӕгонд электронон тамакотӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службӕ.
Электронон тамакойы 170 иуӕджы ссардтой прафилоктикон рейдон мадзӕлтты фӕлгӕтты.
"Ацы дуканиты хицӕуттӕ фехӕлдтой закон "Электронон тамакоты ӕрбаласт, парахат ӕмӕ реализацийы фӕдыл" ӕмӕ хӕссынц административон бӕрн. Фӕткхалджыты ныхмӕ ныридӕгӕн бакодтой административон ӕрмӕджытӕ ӕмӕ сӕ арвыстой Цхинвалы горӕтон тӕрхондонмӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, Хуссар Ирыстоны территорийыл 2021 азы августӕй фӕстӕмӕ кӕй ис тобӕ электронон тамакоты ӕрбаласт ӕмӕ реализацийыл. Фӕткхалджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ивар ӕмӕ тамакоты конфискаци.