ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Англисаг спаниель Тотошка ссардта ног хӕдзар Знауыры районы Лисайы хъӕуы Лалыты Мӕдинӕмӕ. Ӕнӕхицау куыдз схӕлар ис ӕртӕ гӕды ӕмӕ францаг бульдогимӕ ӕмӕ ферох кодта фӕстаг рӕстӕджы зындзинӕдтӕ.
Цхинвалы фӕстаг цалдӕр мӕйы социалон хызӕг Фейсбукы руаджы сӕ хъус дардтой ӕнӕхицау англисаг спаниель Тотошкайы хъысмӕтмӕ. Уый раппӕрстой йӕ хицӕуттӕ, бахсыдтой йӕ куыйтӕ ӕмӕ нӕ зыдта уынджы цӕрын.
Ӕхсӕнадон организаци "Зеленая Алания"-йы хистӕр Габайты Зӕлинӕ уый ссардта Ереды суадонмӕ хӕстӕг ӕфхӕрд уавӕрты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ куыдзӕн агуырдта ног хицӕутты.
"Ӕнахуыр уавӕр, куыдзы алвын парикмахермӕ ӕмӕ йӕ стӕй аппар. Иу нӕлгоймаг ӕй акодта, фӕлӕ йӕ бирӕ дарын нӕ ссис йӕ бон. Стӕй йӕ скодтон мӕ рӕстӕгмӕ цӕрӕнмӕ, уым та йӕ куыйтӕ бахордтой. Мӕхицӕн загътон, зӕгъын, кӕд фервӕза, уӕд йӕ акӕндзӕн мӕхи фатермӕ", - радзырдта Габайты Зӕлинӕ.
Фӕлӕ ма Зӕлинӕйӕн йӕхицӕн ис ӕндӕр куыдз дӕр ӕмӕ дыууӕйӕн сӕ цард нӕ хъӕрмуд кодта.
"Мӕскуыйы йӕ цӕттӕ уыдысты райсын, фӕлӕ йӕ арвитын уыд зын", - радзырдта Габайты Зӕлинӕ.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы уынгтӕ фӕстаг ӕзты байдзаг сты ӕнахуыр порода куыйтӕй. Ӕндӕр бӕстӕты цӕрджыты фӕзмгӕйӕ фелхӕнынц зынаргъ куыйтӕ. Стӕй уыдонмӕ кӕсынӕй куы афӕлмӕцынц, уӕд сӕ раппарынц уынгмӕ.
Бездомной собаке Тотошке нашли дом
© Из личного архива Мадины Лалиевой
Хӕдзарон куыйтӕ уынджы цӕрынмӕ нӕ арӕхсынц ӕмӕ ӕфхӕрдхуызӕй цӕуынц Цхинвалы къуымты.
Тотошкайы хъысмӕт разынд хуыздӕр - цалдӕр мӕйы рахау-бахауаг царды фӕстӕ ссардта фысымтӕ. Ӕрмӕст йӕ ног хицау Мӕдинӕ куыд банысан кодта, афтӕмӕй йын раивта йӕ ном.
"Ис ма мӕм хӕдзары ӕртӕ гӕдыйы. Уыдонимӕ схӕлар ис. Хорз ахастытӕ йын ис мӕ францаг бульдог Ричардимӕ дӕр, уый та хонӕм Ричи. Уый йӕм чысыл хӕлӕг кӕны, фӕлӕ фидауынц. Стӕй ахъуыды кодтон, карз къуыдайраг куыдзыл нӕ фидауы Тотошка ӕмӕ йыл сӕвӕрдтон ног ном - Арчи", - загъта Мӕдинӕ.
Уый ма куыдзы ахастӕй сбӕлвырд кодта, раздӕр ӕфхӕрд кӕй баййӕфта.
"Куыдз лӕгъзӕй дӕр тарст, ныр ӕрфӕлмӕн ис ӕмӕ бахъӕлдзӕг. Цӕры хӕдзары, хъармы", - балхынцъ кодта уый.