Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Мӕскуы ӕмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы Патриархӕн йӕ райгуырӕн боны цытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Мӕскуы ӕмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы Патриарх Кириллӕн йӕ 75 азы юбилейы цытӕн.
"Дӕ архайдӕн ис ахсджиаг бынат адӕмты иудзинады, кӕцы арӕзт у иумӕйаг дин, хӕлардзинады традицитӕ, ӕууӕнк ӕмӕ ӕмбаргӕдзинады бындурыл", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Бибылты Анатолий бахахх кодта, Патриарх Кириллы патриотизм, цӕсгомджын куыст ӕмӕ Фыдыбӕстӕмӕ уарзондзинад алыхатт дӕр кӕй уыдзысты дӕнцӕг рӕстдины сӕндидзын ӕмӕ сфидар кӕныны хъуыддаджы.