Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны сбӕрӕг кодтой 27 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы цы 198 иртӕсты сарӕзтой, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 27. Ивгъуыд суткӕ ма медицинон хыгъдӕй систой 80 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын сты 1754 пациенты", - загътой уагдоны.
Пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 7924.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 51 257 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 9678 адӕймаджы.
Хуссар Иры фӕкъаддӕр сты коронавирусӕй рынчынтӕ - ӔХМ