Мамиты Григорий: 23 ноябрь махмӕ у лӕгдзинады бон

Sputnik
Ӕхсардзинад ӕмӕ адӕмы иудзинады бон нысан кӕнынц Хуссар Ирыстоны 23 ноябры – ацы датӕ нымад цӕуы национ ирвӕзынгӕнӕн тохӕн йӕ райдианыл. Паддзахадон драмон театры актер ӕмӕ режиссер Мамиты Григорийы хъуыдымӕ гӕсгӕ, ирон адӕм фӕстаг ӕнусы уыййас зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, ӕмӕ иууылдӕр сты хъайтартӕ.
Актеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕртын минӕй фылдӕр адӕймаджы ныхмӕ цы чысыл адӕмы къорд слӕууыд, уыдон ӕцӕг хъайтартӕ сты ӕмӕ 23 ноябрь дӕр у ӕцӕг ӕхсардзинады бон.
"Цы ӕвзонг фӕсивӕд тох кодта знаджы ныхмӕ, уыдонӕн сӕ фӕстӕ уыдысты сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ зӕхх. Хъӕбатырӕй дӕр уымӕн хӕцыдысты", - банысан кодта Григорий.
Уый ма бафиппайдта, зӕгъгӕ, тележурналист Бестауты Юляимӕ цы телепроект ӕрымысыдысты, уымӕй сӕ фӕндыд бамбарын кӕнын, Гуырдзыимӕ хӕсты рӕстӕджы цы ӕвзонг фӕсивӕд хӕцыд, уыдон цардахаст, цы сӕ сразӕнгард кодта хъабатырдзинадмӕ, уый.