Бибылты Анатолий ӕрдзырдта социалон-экономикон ӕмгуыстадыл уӕрӕсейаг делегациимӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий цыппӕрӕмы ауагъта рабадт УФ президенты фӕсарӕйнаг бӕстӕтимӕ ӕхсӕнрегионалон ӕмӕ культурон бастдзинӕдты фӕдыл дӕлхайады хистӕр Игорь Масловимӕ ӕмӕ УФ минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовимӕ. Фембӕлды ма хайад райстой республикӕйы хицауады уӕнгтӕ.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фембӕлды хайадисджытӕ ӕрдзырдтой программӕйы реализацийыл, кӕцы здӕхт у Республикӕ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтмӕ.
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Италийы парламенты депутаттимӕ
Бибылты Анатолий загъта бузныг йӕ коллегӕтӕн программӕйыл бакусыны тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, уый кӕй ратдзӕн вазыгджын импульс Хуссар Ирыстоны райрӕзтӕн, афтӕ ма фӕфылдӕр кӕндзӕн республикӕйы ӕфтиӕгтӕ.
"Абон мах лӕмбынӕгдӕр сахуыр кӕндзыстӕм фарстытӕ ӕмӕ сараздзыстӕм Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты механизм", - банысан кодта президент.
Игорь Маслов банысан кодта, программӕйӕн кӕй ис комплексон характер, йӕ нысан та у, цӕмӕй Хуссар Ирыстон 2025 азмӕ рахиза ЦКФЗ экономикӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм, адӕмы царды ӕмвӕзад та уа бӕрзонддӕр.
Игорь Маслов ма бахахх кодта, программӕйы руаджы республикӕйы хъуамӕ мауал хъӕуой субсидитӕ, афтӕ ма баныфсӕвӕрдта, пайдаджын куыст кӕй кӕндзысты Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадимӕ.