Цхинвалы ссыгъд хӕдтулгӕ: зынгфӕдисонтӕ уайтагъд ахуыссын кодтой арт

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 ноя Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты цыппӕрӕмы ӕхсӕвы ссыгъд хӕдтулгӕ ВАЗ-2121. Цау ӕрцыд ӕхсӕвы ӕртӕ сахатмӕ ӕввахс, фехъусын кодтой Sputnik УУМ радгӕсон хайады.

"Ирвӕзынгӕнӕн уагдонмӕ ӕрбадзырдтой ӕмӕ фехъусын кодтой, Ирӕтты уынгыл хӕдтулгӕ кӕй ссыгъд. Цауы бынатмӕ уайтагъд атындзыдта зынгфӕдисонты къорд, уыдон цыбыр ӕмгъуыдмӕ ахуыссын кодтой арт", - загътой уагдоны.

Цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджыты тыххӕй ницы информаци ис. УУМ ма бафтыдтой, зынгсирвӕзты аххосаг кӕй цӕуы бӕрӕг.