Уарзондзинады фӕлгонц: Бибылты Анатолий раарфӕ кодта мӕдтӕн бӕрӕгбоны цытӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта республикӕйы мӕдтӕн бӕрӕгбоны цытӕн.
"Мад у фыццаг ныхас, кӕцы мидбылты худгӕйӕ зӕгъы саби. Цасфӕнды азтӕ ныл ма цӕуа, уӕддӕр мах алыхатт дӕр хъӕуы мады уарзондзинад ӕмӕ зӕрдӕхсайд, кӕцыты руаджы адӕймаг фӕтых вӕййы алы зындзинадыл дӕр", - загъта президент.
Бибылты Анатолий загъта бузныг сылгоймӕгтӕн, кӕцытӕ мады хӕслӕвӕрдтӕй дарддӕр активон хайад исынц бӕстӕйы фӕллойадон, ӕхсӕнадон ӕмӕ политикон царды.
"Мӕ сӕрӕй ныллӕг кувын мӕдтӕн, кӕцытӕ схъомыл кодтой хъайтар лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты, ӕмӕ уыдон та хӕцӕнгарзимӕ бахъахъхъӕдтой Республикӕ Хуссар Ирыстон", - бахахх кодта президент.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы цӕст бауарзта мӕдтӕн ӕнӕниздзинад, амонд ӕмӕ бинонты хӕрзӕбон.