Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады техникӕйы парк баххӕст ис ног хуызӕгтӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад та баххӕст кодтой техникӕйӕ, мадзал ӕххӕст ӕрцыд уӕрӕсейаг хъахъхъӕнынадон уагдонимӕ бадзырдты фӕлгӕтты, хъусын кӕны министрады пресс-службӕ.
Банысан ӕрцыд, техникӕ кӕй ласынц ӕххӕст гуырахстӕй ӕмӕ графикӕй раздӕр.
"Ацы бонты та райстам ӕфсӕддон продукцийы радон парти, кӕцы ахъаз уыдзӕн Гарзджын тыхты размӕ лӕууӕг хӕстӕ гъӕдджынӕй ӕххӕст кӕнынӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны ма бафтыдтой, техникӕйӕ иууылдӕр кӕй пайда кӕндзысты ӕрмӕстдӕр сабырады нысанӕн.
Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕн бамбарын кодтой сӕ бартӕ ӕмӕ хӕстӕ