Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны сбӕрӕг кодтой 33 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтой 259 иртӕсты , уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 33. Ивгъуыд суткӕ ма медицинон хыгъдӕй систой 120 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын сты 1469 пациенты", - загътой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 8324. Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 52 026 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 9793 адӕймаджы.