Гергиты Валерийӕн радтой Свиридовы номыл Сыгъзӕрин майдан

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik. Мариинаг театры аивадон разамонӕг Гергиты Валерийӕн радтой Георгий Свиридовы номыл Сыгъзӕрин майдан "Музыкалон культурӕмӕ егъау хайбавӕрды тыххӕй".
Гергиты Валерийӕн хорзӕх радта форум "Золотой Витязь"-ы президент Николай Бурляев.
Ӕхсӕнадӕмон жюри, кӕцыйы сконды уыдысты аивады архайджытӕ, ӕмхъӕлӕсӕй схъӕлӕс кодтой Гергиты Валерийӕн.
Хорзӕх радтой музыкалон форум "Золотой Витязь"-ы сӕхгӕныны церемонийы рӕстӕджы. Ӕрвылаз уый ӕрбаиу кӕны музыкалон коллективты, оркестрты ӕмӕ театрты ӕппӕт Уӕрӕсейӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной иууыл хуыздӕрты.
"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм мадзӕлттӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр цӕуой, уый фӕдыл ӕххуыс кӕндзӕн ацы форумы фидӕны акцитӕн", - хъусын кӕны Гергиты Валерийы ныхӕстӕ "Российская Газета".
XII Ӕхсӕнадӕмон музыкалон форум "Золотой Витязь" ӕрбаиу кодта аивады архайджыты ӕппӕт Уӕрӕсейӕ. Мариинаг театры концертон залы ацыд сӕхгӕныны церемони.