ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд фондз аварийы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты цыппар адӕймаджы. Уый тыххӕй къуырисӕры хъусын кӕны РХИ Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ иу къуыримӕ ӕдӕппӕт сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 242 фӕткхалды. Хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй ӕрурӕдтой фараст шофыры.
Афтӕ ма уагдоны радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры тыххӕй. Республикӕйы территорийыл регистрацигонд ӕрцыдысты фондз фыдракӕнды, уыдонӕй цыппар раргом кодтой
Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй милицийы кусджытӕ ӕрурӕдтой ӕртӕ адӕймаджы, уыдонӕй иунӕн тӕрхондон рахаста административон ӕфхӕрд.