ЦХИНВАЛ, 30 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Югосетпотребнадзоры скъуыддзагӕй Цхинвалы цалдӕр скъолайы карантиныл сӕхгӕдтой кълӕстӕ, афтӕ ма цалдӕр къорды дыууӕ сабидоны, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.
Скъоладзауты ӕмӕ сабиты арвыстой карантинмӕ грипп ӕмӕ коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй.
"Карантиныл сӕхгӕдтой хицӕн кълӕстӕ столицӕйы фондз скъолайы – дыккӕгӕм, ӕртыккӕгӕм, ӕхсӕзӕм, скъола "Эрудит"-ы ӕмӕ Паддзахадон аивӕдты лицӕйы, афтӕ ма сӕхгӕдтой цалдӕр къорды дыууӕ сабидоны", - загъта Коцты Марина.
Республикӕйы 19 октябрӕй ӕрурӕдтой ахуырадон процесс коронавирусимӕ уавӕр кӕй февзӕрдӕр, уый тыххӕй. Къуырисӕры, 15 ноябры, Хуссар Ирыстоны дӕргъвӕтин карантины фӕстӕ куыстмӕ рахызтысты скъолатӕ, сабидӕттӕ, паддзахадон университет, колледж ӕмӕ ӕндӕр уагдӕттӕ.
Амӕйразмӕ Коцты Марина йӕ интервьюйы Sputnik радзырдта, зӕгъгӕ, оперштаб цы арӕнӕвӕрдтӕ бакодта, уыдонӕн уыд ӕвӕрццаг ӕндӕвдад эпидемиологион уавӕрыл. Афтӕ ма уый банысан кодта, уагдон ӕрвылбон кӕй мониторинг кӕны уавӕр, ӕмӕ куы бахъӕуа, уӕд рахӕсдзӕн скуыддзаг ахуырадон уагдӕтты фӕдыл.