Хуссар Иры столицӕйы цӕгаттаг хай баззайдзӕн ӕнӕ донӕй аварийы тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг микрорайонтӕ "Мӕскуыйаг" ӕмӕ "БАМ"-ы ӕртыццӕджы ӕруромдзысты донифтонгад, фехъусын кодта Sputnik"Водоканал"-ы генералон директоры фыццаг хӕдивӕг Джиоты Инга.
"Водоканалы" кусджытӕ ӕртыццӕджы кусдзысты Мӕскуыйаг микрорайоны авари аиуварс кӕныныл. Уый тыххӕй донифтонгад ӕруромдзысты райсом 10 сахатӕй. Куыстытӕ хъуамӕ балхынцъ уой боны ӕртӕ сахатмӕ. Проблемӕ бандавдзӕн микрорайонтӕ "Мӕскуыйаг" ӕмӕ "БАМ"-ыл ӕмӕ гӕнӕн ис 8 июны уынгыл дӕр", - загъта Джиоты Инга.
Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ донифтонгад цӕуы магистралон хаххытӕ Едыс - Цхинвалыл ӕмӕ Уанатӕй.