Хуссар Иры Нацбанк ауагъта бӕрӕгбонон лотерея йӕ клиентты хсӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Национ банк ауагъта бӕрӕгбонон лотерея Банчы кусӕджы бонмӕ. Мадзалы 197 хайадисӕгӕй зынаргъ лӕвӕрттӕ райстой 10 адӕймаджы. Лотереяйы хайадисджытӕ ссисты физикон ӕмӕ юридикон гоймӕгтӕ, кӕцытӕ 1 декабры сарӕзтой банкон операцитӕ.
Уӕлахиздзаутӕ райстой сӕ призтӕ банчы разамынад ӕмӕ кусджыты къухтӕй цыппӕрӕмы.
Лӕвӕртты хсӕн уыд ноутбук, планшет, электронон чиныг, афтӕ ма ӕвзист згъӕрӕхцатӕ, кӕцытӕ Нацбанк рауагъта Хетӕгкаты Къоста, Гӕдиаты Секъа ӕмӕ Гаглойты Рутены цытӕн.
Президент раарфӕ кодта Хуссар Иры банкты кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны фӕдыл
Уагдоны директор Джиоты Жаннайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕрӕгбонон лотерея саразыны хъуыды уыдонмӕ фӕзынд иу мӕйы размӕ.
"Чысыл тыхстыстӕм, уымӕн ӕмӕ никуы ауагътам ахӕм акци, фӕлӕ фӕнд алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр фӕцыдис. Фӕндыд нӕ нӕ клиенттӕн балӕвар кӕнын бӕрӕгбон ӕмӕ ӕвӕрццаг эмоцитӕ ацы уӕззау рӕстӕджыты. Бузныг зӕгъӕм нӕ клиенттӕн, кӕцытӕ хайад райстой лотереяйы", - радзырдта Джиоты Жанна.
Уый ма загъта бузныг банчы кусджытӕн, кӕцытӕ бацӕттӕ кодтой ацы бӕрӕгбонон акци.
Джиоты Жанна банысан кодта, хӕрзаудӕн лотерея ауадзынӕн кӕй спайда кодтой клиентты банкон операциты комисситы иу хаййы фӕрӕзтӕй.