ФТЦ профилактикӕ: Хуссар Иры МХМ дӕлхайӕдтӕ уадзынц рейдтӕ фӕндӕгтыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекци, Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд, Милицийы тагъд архайды къорд ӕмӕ патрулон-постон службӕйы кусджытӕ уадзынц профилактикон рейдон мадзӕлттӕ республикӕйы фӕндӕгтыл, хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ.
Уагдоны зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, рейдтӕ здӕхт кӕй сты фӕндагон-транспортон цауты (ФТЦ) рагфӕдзӕхстмӕ.
"Шофыртӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной фӕндагон змӕлды фӕтктӕ ӕмӕ сӕ хъус дарой боныгъӕдмӕ. Инспектортӕ ма зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой шофыртӕн, кӕй хъуамӕ рахизой зымӕгон резинӕмӕ, афтӕ ма ӕваст маневртӕ ма кӕной", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, мадзӕлттӕ уадзынц фистӕг бӕлццонтимӕ дӕр, кӕцытӕн инспектортӕ рекомендаци кӕнынц, цӕмӕй уой арӕхстджындӕр фӕндӕгтыл.
Хуссар Иры МХМ дӕлхайӕдтӕ уадзынц рейдтӕ фӕндӕгтыл