ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik. Мӕскуыйы ацыд Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадийы фембӕлд УФ экономикон райрӕзты министры хӕдивӕг Дмитрий Вольвачимӕ.
Министрты кабинеты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фарсытӕ ӕруынаффӕ кодтой 2022-2025 ӕзтӕн Инвестицион нывӕзты реализацийыл, афтӕ ма ӕхсӕнхицауадон ӕмгуыстадыл. Сӕйраджыдӕр, дзырд цыд финансон фарстытыл ӕмӕ паддзахадон программӕ сӕххӕст кӕныны ӕмгъуыдтыл.
"Программӕ здӕхт у Хуссар Ирыстоны комплексон социалон-экономикон райрӕзтӕмӕ ӕввахс цыппар азмӕ. Сӕйраг хъусдард здӕхт цӕудзӕн ахӕм къабӕзтӕм, куыд сӕудӕджерад, хъӕууон хӕдзарад, туристон-рекреацион кластер", - фехъусын кодта пресс-службӕ Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕ.
Пресс-службӕйы ма банысан кодтой, хуссарирыстойнаг хицауадон делегацийы уӕнгтӕ ма кӕй ӕрдзырдтой республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты фарстытыл Уӕрӕсейы профилон уагдӕтты къухдариуӕггӕнджытимӕ.
2022-2025 ӕзтӕн Инвестицион нывӕзты реализацимӕ республикӕйы ӕрӕвналдзысты ног азы фыццаг мӕйты.