Цхинвалы ссардтой БМП-2-йы нӕмыг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) сапертӕ сӕнӕзианхъом кӕнынмӕ аластой хӕстон хӕдтулгӕ БМП-2-йы 30-миллиметрон нӕмыг. Тӕссаг ӕрмӕг ссардтой Цхинвалы Нӕртон уынгыл.
"УУМ-мӕ бадзырдта Паддзахадон автоинспекцийы кусӕг 09.56 сахатыл", - хъусын кӕны кӕны уагдоны пресс-службӕ.
УУМ сапертӕ аластой тӕссаг ӕрмӕг сӕнӕзианхъом кӕнынмӕ.
Хуыцаубоны Хуссар Ирыстоны столицӕйы ссардтой гранатӕ Ф-1 столицӕйы хӕдзӕрттӕй иуы.