Мæскуыйы ацæудзæн Абайты Уасойы уникалон рауагъдты презентаци

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 дек – Sputnik. Мӕскуыйы 15 декабры ацӕудзӕн ӕппӕт дунейы зындгонд ахуыргонд Абайты Уасойы уникалон рауагъдты презентаци. Уый тыххӕй хъусын кӕны Уӕрӕсейы уӕвӕг Хуссар Ирыстоны минӕварады пресс-службӕ.
Цытджын уазджыты хуызы мадзалмӕ хуынд ӕрцыдысты УФ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты, ахуырад ӕмӕ зонады министрӕдты къухдариуӕгадтӕ, Россотрудничество, Мӕскуыйы аккредитацигонд дипломатон мисситы уӕнгтӕ ӕмӕ зындгонд ахуыргӕндтӕ.
Йӕ бынтӕ ӕмбырд кӕнӕм мургай: Хуссар Иры культурӕйы министр Абайты Уасойы музейы тыххӕй
Церемони ацӕудзӕн Ахуыргӕндты централолн хӕдзары, бакӕндзӕн ӕй минӕвар Гасситы Знауыр. Уый фӕстӕ раныхас кӕндзӕн Уӕрӕсейаг зонӕдты академийы Дзӕуджыхъӕуккаг зонадон центры директор, Абайты Уассойы равзаргӕ куыстыты ӕмбырдгонды редколлегийы сӕрдар Цыбырты Алексей.
1990-ӕм ӕзты кӕрӕтты Абайты Уасо йӕ ахуыргӕнинаг Гусалты Виталиимӕ ӕрӕвнӕлдта йӕ равзаргӕ куыстыты цыппартомон рауагъд бацӕттӕ кӕныны проектмӕ. Уасойы удыгасӕй рухсмӕ рацыдысты ӕрмӕстдӕр чиныджы дыууӕ томы. Фӕлӕ цалдӕр азы размӕ Цыбырты Алексей ссардта архивы ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм томты ӕрмӕджытӕ.
Хуссар Иры фыццаг хатт ратдзысты Абайты Уасойы Паддзахадон преми
Уыдонӕй дарддӕр ма презентацигонд ӕрцӕудзысты фыстӕджытӕ, кӕцытӕ кӕрӕдзимӕ ӕрвыстой Абайты Уасо ӕмӕ зындгонд францаг ахуыргонд, мифолог Жорж Дюмезиль.