Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой 16 ӕмбӕстагӕн, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы цы 188 иртӕсты сарӕзтой, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 16. Медицинон хыгъдӕй фӕстаг суткӕ систой 105 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 656 пациенты", - загътой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 9309. Санитарон уагдоны ПЦР-лабораторийы ӕппӕт ацы рӕстӕджы сарӕзтӕуыд 53653 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, коронавирус бахӕцыд 9967 адӕймагыл.
Цхинвалы карантиныл сӕхгӕдтой Аивӕдты лицей