ЦХИНВАЛ, 8 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад уадзы хистӕркъласонты хсӕн ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин майдантӕм претенденттӕн сӕрмагонд фӕлварӕнтӕ сӕйраг предметтӕй, фехъусын кодта Sputnik ахуырады министрады пресс-службӕйы кусӕг Плиты Яна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз иуӕндӕсӕмкъласонты хсӕн майданмӕ претенденттӕ сты 11 ахуырдзауы.
"Министрады контролон куыстытӕ уадзынц ӕрвылаз 10 ӕмӕ 11 кълӕсты ахуырдзауты хсӕн ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин майдантӕм претенденттӕн. Контролон куыстытӕ цӕуынц уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ математикӕйӕ. 11 къласы сты ӕрмӕст 11, 10-ӕм къласы та ахызтысты 40-ӕй. Фыццаг контролон куыст хъуамӕ ацыдаид раздӕр, фӕлӕ ныффыстиад карантины тыххӕй ӕмӕ ацӕудзӕн ныр, ноджы ма иу хатт та ацӕудзӕн декабры", - хъусын кӕны пресс-службӕ иумӕйаг ӕмӕ уӕлӕмхас ахуырады дӕлхайады хистӕр Джиоты Нинайы ныхӕстӕ.
Ноджы ма иу контролон куыст ацӕудзӕн ног азы, уый хыгъд сфидар уыдзысты 2021-2022 азы медалисттӕ.