ХИПУ-йы студент ссис Цӕгат Иры шахматты турниры призер

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты фыццӕгӕм курсы студент Къодоты Андрей ссис Цӕгат Ирыстоны шахматты турниры призер , фехъусын кодта йӕ тренер Саулохты Георгий.
Цӕгат Ирыстоны шахматты ерыстӕ "Центр социализации молодежи"-йы кубок рамбулыны сӕраппонд бацӕттӕ кодта сӕ шахматты Федераци, тох цыд ӕнӕ кары категориты дихдзинадӕй.
"Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхӕдта мӕ хъомылгӕнинаг Къодоты Андрей, ахъазыд фараст парти ӕмӕ дзы авды фӕуӕлахиз. Уый хыгъд ссис ӕртыккаг призер", - загъта уый.
Саулохты Георгийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Къодоты Андрейӕн уый у стыр ӕнтыст.
"Турниры архайджытӕ уыдысты фыццӕгӕм разрядтӕ кӕмӕн ис, науӕд та мастермӕ кандидаттӕ. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Андрей сарӕзта стыр ӕнтыст", - бафтыдта уый.
ХИПУ-йы студент ссис Цӕгат Иры шахматты турниры призер