ЦХИНВАЛ, 8 дек — Sputnik. Мӕскуыйы бакодтой столицӕйон метройы нырыккон историйы иууыл гуырахстджындӕр фадыг. Уый тыххӕй хъусын кӕны РИА Новости.
Бӕлццӕттӕн ныр фадат ис пайда кӕнын Стыр цӕгон линийы ахӕм ног станцӕтӕй, куыд: "Терехово", "Кунцевская", "Давыдково", "Аминьевская", "Мичуринский проспект", "Проспект Вернадского", "Новаторская", "Воронцовская", "Зюзино" ӕмӕ "Каховская" (реконструкцийы фӕстӕ).
Мӕскуыйы мэр Сергей Собянин йӕ блогы куыд банысан кодта, афтӕмӕй ныридӕгӕн реализаци ӕрцыд Стыр цӕгон линийы проекты 70 проценты.
"Баззад ма 30 проценты - уый та у фараст станцӕйы, кӕцытӕ мах сараздзыстӕм фидӕнмӕ. Ныфс мӕ ис, 2023 азы цӕг ӕнӕхъӕнӕй ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ кусдзӕн ӕххӕст гуырахстӕй", - загъта Собянин.
Мӕскуыйаг метройы Стыр цӕгон лини аразын райдыдтой 2011 азы. Йӕ дӕргъ у 70 километры. Линийыл уыдзӕн 31 станцӕйы.