Хуссар Иры кӕсагахсӕг ссардта танкты ныхмӕ минӕ: уый скуынӕг кӕндзысты бынаты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik. Хуссар Иры Знауыры районы бынӕттон цӕрӕг ссардта танкты ныхмӕ минӕ цады, хъусын кӕны цыппӕрӕмы республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Нӕлгоймаг рӕмудзӕн ӕрмӕг ссардта цады Бахъаты хъӕуы цур, ссарӕггаджы тыххӕй уый уайтагъд фехъусын кодта ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг уагдӕттӕм.
"Бынатмӕ ацыдысты МХМ ӕмӕ УУМ сапертӕ. Ссарӕггаг разынд танкты ныхмӕ минӕ ПМ-57", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды инженерон-техникон дӕлхайады хистӕр Гасситы Станиславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, минӕ у тӕссаг транспортировкӕйӕн. Рӕмудзӕн ӕрмӕг скуынӕг кӕндзысты бынаты, бафтыдтой уагдоны.