Цхинвал лӕвар кӕны концерт Къуыдаргомӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы фӕсивӕд, спорт ӕмӕ культурӕйы хайад Ног азмӕ балӕвар кӕндзӕн Къуыдаргомӕн концерт, фехъусын кодтой Sputnik Цхинвалы администрацийы пресс-службӕйы.
Концерт нывӕндынц уадзын 24 декабры, 16:00 сахатыл.
"Цхинвалы администрацийы культурӕ, спорт ӕмӕ фӕсивӕды управлени ныридӕгӕн цӕттӕ кӕны бӕрӕгбонон концерт Къуайсайӕн", - загътой пресс-службӕйы.
Хуссар Иры столицӕйы 40 амалиуӕггӕнӕджы сараздзысты ногазон армукъа
Хуссар Ирыстоны районты ӕмӕ столицӕйы Ног азы къӕсӕрыл сарӕх вӕййынц концерттӕ. Уыимӕ иумӕ хыгъдон концерттӕ раттынц республикӕйы сфӕлдыстадон коллективтӕ.