Цхинвалы скъоладзаутӕн радзырдтой пиротехникӕйӕ пайда кӕныны фӕтктӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik. Цхинвалы скъолаты ахуырдзаутӕн ауагътой профилактикон ныхас пиротехникӕйӕ пайда кӕныны ӕдасдзинады фӕдыл, афтӕ ма фӕндагон змӕлды фӕткы тыххӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Ӕнахъомты фӕдыл инспектор Фӕрниаты Мӕдинӕ куыд банысан кодта, афтӕмӕй республикӕйы территорийыл тобӕгонд сты пиротехникон ӕрмӕджытӕ, фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, уынгтыл арӕх айхъуысы пиротехникӕйы срӕмыгъдтӕ.
"Ацы архӕйдтытӕй халынц ӕмбӕстӕгты ӕнцой, сӕйраджыдӕр, срӕмыгъдтӕ куы хъуысынц ӕхсӕвы. Афтӕ ма пиротехникон ӕрмӕджытӕ сты тынг тӕссаг. Ӕз алкӕмӕдӕр сидын, цӕмӕй ахуырдзаутӕ ма ӕлхӕной пиротехникон ӕрмӕджытӕ, ма сӕ хӕссой скъолатӕм ӕмӕ сӕ ма пырх кӕной уынгты", - загъта Фӕрниаты Мӕдинӕ.
Уымӕй дарддӕр Паддзахадон автоинспекцийы агитаци ӕмӕ пропагандӕйы фӕдыл инспектор Уалыты Альма радзырдта скъоладзаутӕн фӕндагон змӕлды фӕткты тыххӕй.
Цхинвалы скъоладзаутӕн радзырдтой пиротехникӕйӕ пайда кӕныны фӕтктӕ
Ӕнахъомты зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, фӕткмӕ гӕсгӕ хӕдтулгӕйыл скъӕрыны бар ис 18 азӕй, ӕнӕ шофыры бӕлвырдгӕнӕн документӕй скъӕрыны тыххӕй та кӕндзысты ивар. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бафхӕрдзысты гоймӕгты дӕр, кӕцытӕ радтой сӕ хӕдтулгӕтӕ ӕнахъомтӕн.
Нывӕзтон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ здӕхт сты фӕткхӕлдты рагфӕдзӕхстмӕ, ацӕудзысты республикӕйы районты скъолаты дӕр.