ЦХИНВАЛ, 13 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт райдайдзысты уадзын уӕраджы ӕрхӕгӕн технологион PRP-терапи. Амбулаторон операцитӕ уагъд цӕудзысты ӕнӕаргъӕй 20 декабрӕй, хъусын кӕны республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады (ӔХМ) пресс-службӕ.
PRP у туджы плазмӕ, кӕцы хъӕздыг у тромбоциттӕй. Процедурӕйы рӕстӕджы пайда кӕнынц пациенты плазмӕйӕ, кӕцы райсынц центрифугайы.
"Процедурӕ аразынц, цӕмӕй фӕтыхджындӕр кӕной уӕраджы ӕрхӕджы регенарационон процесстӕ, аиуварс кӕной рыст, фӕхуыздӕр кӕной ӕрхӕджы функцитӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Операцитӕ араздзӕн Республикон бирӕпрофилон медицинон центры дохтыр-травматолог Козаты Дмитрий. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады куырдиатӕй уый арвыстой Уӕрӕсемӕ, цӕмӕй сахуыр уа ацы операци.