Хуссарирыстойнаг гимнасткӕтӕ стох кӕндзысты Цӕгат Иры чемпионаты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕрыгон гимнасткӕтӕ ӕртӕйӕ стох кӕндзысты Цӕгат Ирыстоны чемпионаты декабры кӕрон, фехъусын кодта Sputnik эстетикон ӕмӕ аивадон гимнастикӕйы президент Цхуырбаты Зема.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы ахицӕн сты чызджыты хсӕн ерыстӕ гимнастикӕйӕ.
"Фӕхуыдтой нӕ Цӕгат Ирыстоны чемпионаты хайадисынмӕ. Уым тох кӕндзысты 2011 азы гуырд ӕмӕ уымӕй хистӕр чызджытӕ. Ацы кары нӕм ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл ис ӕртӕ чызджы, сӕ арӕхстдзинад сбӕлвырд кодтой бынӕттон ерысты", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕнд кӕнынц чемпионатмӕ раразмӕ кӕнын Пухаты Валерия, Хуыбылты Анастасия ӕмӕ Бекъойты Викторияйы.