ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Республикон бирӕпрофилон медицинон центры (РБМЦ) аскъуыддзаг кодтой зианхӕссӕг медицинон ӕвзарӕнты проблемӕ медицинон бырон утилизацийы ног аппаратты руаджы, радзырдта Sputnik РБМЦ директор Джиоты Виталий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд раздӕр медицинон ӕварӕнтӕ калдтой быроны асыкктӕм, уӕд ныр ацы аппараты фӕзындимӕ проблемӕ аиуварс кодтой.
"Ӕвзарӕнтӕ иууылдӕр ӕвӕрынц сӕрмагонд быроны пакетты, уый фӕстӕ уыдон баййафынц автоклавираци, уый фӕстӕ микробтӕ скуынӕг вӕййынц. Уый фӕстӕ уыдон ӕвӕрынц ӕндӕр аппараты, кӕцы сӕ пресс кӕны ӕмӕ сӕ стӕй гӕнӕн ис аппарын быронмӕ", - радзырдта Джиоты Виталий.
Уый ма бахахх кодта, РБМЦ кӕй ӕххӕст кӕнынц санитарон-эпидемиологион режим.
Уымӕй дарддӕр, уагдоны директор банысан кодта, гӕнӕн ис кӕй ӕмгуыстад кӕной организаци "Чистый мир"-имӕ.
Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ивгъуыд къуыри фехъусын кодта, кӕй балхӕдтой ифтонггарз медицинон ӕвзарӕнты утилизацийӕн. Уыдон сӕвӕрынӕн бацӕттӕ кодтой дыууӕ хицӕн бӕстыхайы, кусджыты та ахуыр кӕнынц аппараттыл кусын.