Цӕгат Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 78 ног рынчыны коронавирусӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 78 ног рынчыны коронавирусӕй. Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 29 671 фӕрынчынуӕвӕджы COVID-19-ӕй.
Хуссар Иры иу суткӕмӕ хыгъдӕй систой 100 рынчыны коронавирусӕй – Югосетпотребнадзор
Уӕрӕсейы фӕстаг суткӕйы дӕргъы сбӕрӕг кодтой 29 559 ног рынчыны коронавирусӕй, 1121 адӕймаджы амардысты, 28 561 та сӕнӕниз сты. Пандемийы рӕстӕджы бӕстӕйы COVID-19 бахӕцыд 10 046 454 адӕймагыл, 290 604 адӕймаджы амардысты, 8 796 916 та сӕнӕниз сты.
Джон Хопкинсы Университеты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, дунейы коронавирус бахӕцыд 270 милуан адӕймагӕй фылдӕрыл, уыдонӕй 5 милуанӕй фылдӕр амардысты.